Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ

Пухаты Михаил ӕмӕ Тыджыты Ирина сыгъзӕрин майдантӕй дарддӕр турниры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ райстой спорты мастермӕ кандидаты нӕмттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатима. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ Пухаты Михаил ӕмӕ Тыджыты Ирина рамбылдтой Цӕгат Кавказы федералон зылды чемпионат, дыууӕ уӕлахиздзау дӕр сӕххӕст кодтой спорты мастермӕ кандидаты нормативтӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созаты Владимир.

"Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кусӕг Пухаты Михаил рамбылдта фыццаг бынат ӕмӕ сӕххӕст кодта спорты мастермӕ кандидаты норматив, ХИПУйы студенткӕ Тыджыты Ирина сфӕлхат кодта уый ӕнтыст. Уыдон дыууӕтӕ дӕр стох кӕндзысты 12 апрелы Уӕрӕсейы чемпионаты", - банысан кодта тренер.

Чысыл лӕмӕгъдӕр ерысты сархайдтой каратистты кӕстӕр фӕлтӕр, фыцццаг къӕпхӕнмӕ схызт ӕрмӕстдӕр Тадтаты Софья, аннӕтӕ хъӕцыдысты призон бынӕттыл.

"Фыццагады дыккаг бынӕттӕ райстой - Дудайты Донна, Кристина Белогурова ӕмӕ Тедеты Анна, ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ та схызтысты Дмитрий Глиценко ӕмӕ Владислав Тихий", - бафтыдта Созаты Владимир.

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕ цыдысты Ставрополы крайы. Хуссар Ирыстоны кекусинкан каратейы секцийы спортсменты тохмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты ацы регионы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ