Цхинвалы донифтонгад сцалцӕг кӕндзысты цыппӕрӕмы изӕрмӕ

Рӕстӕгмӕ цухдзинад баст у доны хӕтӕл кӕй счъизи ис, ууыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгад, кӕцы фехӕлд абон райсом, сцалцӕг кӕндзысты цыппӕрӕмы изӕрмӕ, загътой Цхинвалы мэрийы пресс-службӕйы.

Цхинвалы донифтонгадӕн Хуссар Иры сараздзысты ног хӕтӕл

Знон изӕр сӕхгӕдтой доны хӕтӕлтӕй иу чъизийы тыххӕй.

"Доны хӕтӕл Брытъат тынг счъизи ис, ӕмӕ йӕ уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтам сӕхгӕнын, цӕмӕй горӕтмӕ чъизи дон ма цӕуа. Горӕты резервуартӕ нӕ байдзаг сты ӕмӕ фӕзынд доны цухдзинад", - банысан кодтой мэрийы.

Ахӕм проблемӕтыл Цхинвалы цӕрджытӕ сӕмбӕлынц алкӕцы уалдзӕг дӕр. Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнынц зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.

Ацы аз республикӕйы нывӕндынц саразын ноджы иу доны хӕтӕл – Уанат – Цхинвал, кӕцы аиуварс кӕндзӕн горӕты цӕрджыты проблемӕтӕ.