Уалыты Мӕдинӕ: Хуссар Иры театрӕн ис гуырахстджын нывӕзтытӕ

Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры директор фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны ацы театралон сезоны нывӕзтыты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы егъау театралон сезон, паддзахадон драмон театры сценӕйыл фенын кӕндзысты ӕртӕ премьерӕ, загъта  Sputnik пресс-центры Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мӕдинӕ.

Театры ног директор президентимæ фембæлды: æз сарæхсдзæн

Театры директор банысан кодта, фӕстаг рӕстӕджыты театр ӕмӕ культурӕмӕ хъусдард кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн.

"Уый у тынг ахсджиаг. Уый тыххӕй ӕмӕ ӕхсӕнады культурӕ ӕвдисы йӕ райрӕзты ӕмвӕзад", - банысан кодта Уалыты Мӕдинӕ.

Афтӕ ма Уалыты Мӕдинӕ бахахх кодта, хусарирыстойнаг театрӕн кӕй ис гуырахстджын нывӕзтытӕ ацы тетаралон сезонмӕ. Абон изӕр хуссарирыстойнаг театры равдисдзысты зындгонд англисаг драматург Уильям Шекспиры пьесӕ.

"Режиссер Уалыты Гивийы "Ромео и Джульетта" уыдзӕн фыццаг равдыст ног сезоны. Ӕвзонг артистты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд театры сценӕ", - загъта театры директор.

Афтӕ ма Уалыты Мӕдинӕ банысан кодта, апрелы райдайӕны Хуссар Ирыстонмӕ гастрольты кӕй ӕрцӕудзӕн цӕгатирыстойнаг театр, уый фӕстӕ та йӕ репертуар равдисдзӕн Вахтанговы номыл театр дӕр.

Ноджы ма театры директор фехъусын кодта, кӕй ӕрдзырдтой театралон факультеты бакӕныныл хуссарирыстойнаг университеты.