Ирон богал рамбылдта Европӕйы ерыстӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Цӕкулаты Батырбег рамбылдта 92 кг онг уӕзы категорийы Сербийы уагъд цӕуӕг Европӕйы ерысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Цӕкулаты Батырбег рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 23 азы онг кары спортсменты ӕхсӕн Сербийы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Цхинвайлаг каратисттӕ рамбылдтой ЦКФЗ ерыстӕ

Цӕкулаты Батырбег ссис иууыл хуыздӕр 92 килограмм уӕзы категорийы.

Финалон тохы ирон спортсмен рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Украинӕйӕ Васил Совайы.

Ноджы ма иу ирон спортсмен Гулаты Ӕхсарбег рамбылдта бронзӕйы майдан 74 килограмм уӕзы категорийы.