Хуссар Иры Ӕдасдзинады совет аскуыддзаг кодта арӕн бакӕнын Гуырдзыстонимӕ

Сыхаг бӕстӕимӕ арӕн ӕхгӕд уыд дыууӕ мӕйы бӕрц грипп H1N1 апарахаты тасӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны разамынад рахаста уынаффӕ Гуырдзыстонимӕ арӕны сӕртыл ахизӕн пунктты куыст сног кӕнын 15 марты, фехъусын кодтой республикӕйы Ӕдасдзинады советы.

Хуссар Ир рӕстӕгмӕ бакодта Гуырдзыстонимӕ арӕн

"Гуырдзыстонимӕ арӕны сӕртыл фӕхуымӕтӕгдӕргонд ахизӕн пунктты куыст скусын кӕныны тыххӕй рахастӕуыд уынаффӕ. Скъуыддзаг баст у Гуырдзыстоны эпидемиологон уавӕр кӕй фӕхуыздӕр, уыимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Гуырдзыстонимӕ арӕныл уадзӕн пунктты куыст ӕрурӕдтой 11 январы 2019 азы, цӕмӕй бахизой Хуссар Ирыстон грипп H1N1 апарахатӕй.