ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн уыдзӕн фадат бадзурын консультацийы фӕдыл Югосетпотребнадзормӕ Фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны боны фӕлгӕтты. Уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Маринайы ӕмбӕлгӕ куырдиат ныммыхуыр кодта Югосетпотребнадзоры пресс-службӕ.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны алкӕцы цӕрӕгӕн дӕр уыдзӕн фадат бадзурын номыртӕм: 8-929-806-50-30, 45-22-09, кӕнӕ та бацӕуын Цхинвалы Горькийы уынг, 39-мӕ ӕмӕ райсын ӕмбӕлгӕ консультаци", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Гом дуӕртты къуыри адаргъ уыдзӕн 15 мартӕй 22 мартмӕ, бафтыдтой уагдоны.