ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрцахстой дыууӕ шофыры, кӕцытӕ ногӕй скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕртыццӕджы, 13 марты, дыууӕ шофыры дӕр аластой Республикон наркологон диспансермӕ, цы ран сбӕрӕг кодтой, кӕй сты нозтджын. Фӕткхалджытӕй иу, "BMW" хӕдтулгӕйы шофыр, Цхинвалы районы Сарабукъы хъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг раздӕр дӕр скъӕрдта хӕдтулгӕ нозтджынӕй ӕмӕ йӕ уый фӕдыл ӕрбаздӕхтой уголовон бӕрнмӕ ӕмӕ йӕ фӕивар кодтой 30 мин сомы.
Дыккаг шофыры, Цхинвалы 37-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы скъӕрдта "ВАЗ-2106" хӕдтулгӕйыл, раздӕр дзырдӕй сбадын кодтой ахӕстоны ӕхсӕз мӕймӕ.
Басгӕрст уадзы РХИ Мидхъуыддӕгты министрады Паддзахадон автоинспекци.