МХМ: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны разамынад хыгъдлӕвӕрд радта 2018 азы куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз срегистраци кодтой 222 фыдракӕнды, кӕцытӕй сбӕрӕг кодтой 186. Уый тыххӕй радзырдта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) коллегийы рабадтыл уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Кокойты Тарзан. Афтӕ ма рабадты хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Бӕрӕгкӕнынад рацыд 83,7%, уый у 5,5% фылдӕр 2017 азмӕ абаргӕйӕ. 36 фыдракӕнды нырма не сбӕрӕг кодтой", - загъта министры хӕдивӕг.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын Хуссар Иры МХМ куыст: Наниты Игорь радта фӕдзӕхсттӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы срегистраци кодтой 79 уӕззау фыдракӕнды, кӕцытӕй сбӕрӕг кодтой 61. МХМ кусджытӕ дарддӕр тох кӕнынц наркотикон буардтӕ уӕйгӕнджытимӕ, бахахх кодта Кокойты Тарзан.

Афтӕ ма министры хӕдивӕг радзырдта, 2018 азы кӕй фӕкъаддӕр ис экономикон фыдракӕндты нымӕц.

Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты куыстӕн ӕмӕ банысан кодта, фыдракӕндтӕ иууылдӕр кӕй хъӕуы сбӕрӕг кӕнын.

"Фыдгӕнджытимӕ хъӕуы тох кӕнын. Адӕмы хъуамӕ уырна, кӕй сӕ бахъахъхъӕндзыстут", - загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий ӕрдзырдта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центры (ИКЦ) архайдыл. Президент бахахх кодта, ИКЦ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн бӕрӕг кӕнын фыдракӕндтӕ.

Рабадты кӕрон Бибылты Анатолий ӕрсидт барадхъахъхъӕнджытӕм, цӕмӕй сӕ цӕст дарой ӕхсӕнадон фӕткмӕ Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0