Хуссар Иры Ленингоры районӕн снысан кодтой ног прокуроры

Районы ног прокуроры дыццӕджы бавдыстой бынӕттон администрацийӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг бавдыста республикӕйы Ленингоры районы администрацийӕн районон прокуратурӕйы ног сӕргълӕууӕджы – Хъуылымбегты Аланы, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры Ленингоры районы сӕргълӕууӕджы

Генералон прокурор снысан кӕныны фӕдыл барамынд бафыста 4 марты.

Республикӕйы прокуратурӕйы сӕргълӕууӕг радзырдта Хъуылымбегты Аланы профессионалон ӕмӕ сӕрмагонд миниуджыты тыххӕй, кӕцытӕ йын фӕзындысты йӕ службӕйы рӕстӕджы, нырма фидауынгӕнӕн тыхты, стӕй та прокуратурӕйы органты.

"Ды дӕ профессионалон ӕмӕ бӕрнон кусӕг, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй снысан кодтам Ленингоры районы сӕргълӕууӕгӕй. Уырны мӕ, ӕндӕр барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ иумӕ архайгӕйӕ ды кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕ районы проблемӕтӕ", - бахахх кодта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Афтӕ ма генералон прокурор схорзӕхджын кодта районон прокуратурӕйы разамонӕджы уагдонон хорзӕхӕй – майданӕй "За отличие".

Ахӕм хорзӕх ма радтой республикӕйы раздӕры прокурор Цгъойты Мерабы ӕфсымӕр Цгъойты Важайӕн.