Спикер: Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн интеграцийы фӕдыл бадзырд ӕххӕст цӕуы

Хуссар Ирыстоны парламенты сӕргълӕууӕг банысан кодта, бӕстӕты ӕхсӕн бадзырды статьятӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕй цӕуынц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн интеграци ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд у иууыл ахсджиагдӕр документтӕй иу, банысан кодта РХИ парламенты спикер Гасситы Петр.

Путин Хуссар Иры президентӕн: ӕнхъӕлмӕ кӕсын диалог адарддӕр кӕнынмӕ

Документ бӕрӕг кӕны бӕстӕты ӕхсӕн ахастыты дарддӕры райрӕзт, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

"Бадзырды статьятӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕуынц. Ацы документы реализацийы фӕдыл куыст сӕххӕст кодтам 98 проценты. Цӕвиттонӕн, амӕйразмӕ райдыдта кусын Мидхъуыддӕгты министрады информацион-координацион центр. Афтӕ ма РХИ гарзджын тыхты хицӕн хайадтӕ бахызтысты уӕрӕсейаг ӕфсады скондмӕ, уый дӕр у бадзырды реализацийы руаджы", - загъта Гасситы Петр.

Гасситы Петр бафтыдта, республикӕйы президент Бибылты Анатолий гӕнӕн ис кӕй бахӕсса документмӕ пункттӕ, кӕцыты нӕ бахастой ӕхсӕнпаддзахадон бадзырдмӕ куы йӕ бафыстой 2015 азы, уӕд.