Цыппар адӕмон ӕмӕ дыууӕ сгуыхт: Хуссар Иры актертӕ райстой хорзӕхтӕ

Бибылты Сослан, Хъӕцмӕзты Фатимӕ, Гӕджиты Инга ӕмӕ Тъехты Василий бацыдысты адӕмон артистты нымӕцмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры цыппар сгуыхт артисты президент Бибылты Анатолийы барамындӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты адӕмон артистты нӕмттӕй, ноджы цалдӕр артисты рахицӕн кодтой сгуыхт артистты ӕмӕ культурӕйы сгуыхт кусӕджы нӕмттӕй, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ-йы пресс-службӕйы.

Уым ма банысан кодтой, Букуылты Сослан ӕмӕ Цоциты Николайы та схайджын кодтой сгуыхт артисты нӕмттӕй.

"Фатимæ"-йы æрыздæхт: театр ӕрбакодта сезон

"Цыппар адӕмон артистӕй фӕфылдӕр стӕм. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы барамындӕй бӕрзонд ном "РХИ Адӕмон артист" райстой Бибылты Сослан, Хъӕцмӕзты Фатимӕ, Гӕджиты Инга ӕмӕ Тъехты Василий. Зӕрдийагӕй арфӕ кӕнӕм нӕ коллегӕтӕн. Ӕнӕниздзинад ӕмӕ ахадгӕдӕр сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ", - ныффыста Facebook-ы йӕ фарсыл Паддзахадон драмон театр.

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд театры ӕхсӕнадӕмон бон.