"Фатимæ"-йы æрыздæхт: театр ӕрбакодта сезон

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима"
Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къостайы уацмыс "Фатимӕ"-мӕ гӕсгӕ спектакль ӕвӕрд ӕрцыд театры сценӕйыл фӕстаг хатт 40 азы размӕ

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр сезон ӕрбакодтой спектакль "Фатимӕ"-йы премьерӕйӕ. Театруарзджытӕ бӕстыхайы сӕндидзынӕй фылдӕр та ӕнхъӕлмӕ кастысты Хетӕгкаты Къостайы уацмыс "Фатимӕ" йӕ ном хӕссӕг театры сценӕйыл фенын.

Театры труппӕ фӕстаг рӕстӕджы уый бӕрц кӕсджытӕ никуы ма ӕрӕмбырд кодта - зал уыд йедзаг. Спектакльмӕ билеттӕ ссарӕн нал уыд премьерӕйӕ цалдӕр бон раздӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатимӕ"
Фатимæ-йы æрыздæхт: театр ӕрбакодта сезон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Фатимӕ"

Фыццаг премьера ног бӕстыхайы цыд цытджын уавӕры, ӕгӕр стӕмӕй йӕ кусджытӕ дӕр уазджытыл ӕмбӕлдысты сӕрмагонд националон уӕлӕдарӕсы.

Дыууӕ сахаты бӕрц ахаста сценӕйыл архайд, ацы рӕстӕг кӕсӕджы театры труппӕ дардта хъусдарды тынгады. Музыка, дарӕс, декорацитӕ, звук, рухс ӕмӕ актерты архайд ӕппӕт дӕр уыд нывыл. Адӕмӕй фехъусӕн уыд - "сарӕзтой уӕззау, фӕлӕ ӕнӕаипп спектакль "Фатимӕ". Театры ӕмыр залы хъуыст сылгоймӕгты кӕуын.

Мæргъиты Инга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Фатимæ": театр снысан кодта премьерæйы бон

Хетæгкаты Къостайы поэмæ "Фатимæ"-мæ гæсгæ спектаклыл куыст цыд ивгъуыд азæй фæстæмæ. Фатимæйы хуызы театруарзджытӕ федтой æвзонг артисткæ Мæргъиты Ингайы. Дзамболат ӕмӕ Ибрагимы фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сослан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Пæррæстаты Дмитрий. Хуссар Иры сгуыхт артист Наниты Виталий уыд Наибы ролы.

Майрӕмбоны та театры уыдзӕн "Фатимӕ"-йы премьера ногӕй ӕндӕр скондимӕ.

Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ театры коллективӕн премьерӕйы ӕмӕ ахӕм бӕстыхай сын кӕй сырӕзт, уый фӕдыл.

"Залы иу адӕймаг дӕр нӕ баззад, кӕцы не 'рыппӕрста цӕссыг. Бузныг ахӕм рӕсугъд хъазт кӕй акодтат ӕмӕ ахӕм бӕрзонд дӕсныдзинад кӕй ӕвдисут, уый тыххӕй. Ацы хъуыддаг ма у символикон - Хетӕгкаты Къостайы номыл театры сценӕйыл ӕвӕрд ӕрцыд йӕ уацмысмӕ гӕсгӕ спектакль "Фатимӕ", 2019 аз та расидт ӕрцыд Къостайы азӕй", - загъта президент.

Театры разамынад ӕмӕ труппӕйӕн раффӕ кодтой Цӕгат Ирыстоны спикер Алексей Мачнев ӕмӕ УФ минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов. Цӕгат Иры Уырыссаг ӕмӕ Ирон театрты разамынад ныфс бавӕрдтой ӕрцӕуын гастрольтимӕ Цхинвалмӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима".
Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Спектакль "Фатима".
© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима".
Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Спектакль "Фатима".
© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима"
Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Спектакль "Фатима"
© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Фатима"
Спектакль Фатима - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Спектакль "Фатима"
1/4
Спектакль "Фатима".
2/4
Спектакль "Фатима".
3/4
Спектакль "Фатима"
4/4
Спектакль "Фатима"
Ног хабӕртты лентӕ
0