Цъоны дӕлвӕзы ӕрбакодтой ифтонгады прокат

Улӕфт боны ӕфстау къахдзоныгътыл улӕфджытӕн сӕ бон уыдзӕн хӕххон митыл сӕ амонд сфӕлварын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Цъоны хъӕуы хӕххон бырӕн трассӕйыл Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет срӕвдз кодта къахдзоныгъты прокат. Улӕфт бонты ам улӕфджытӕн уыдзӕн 18 къай къахдзоныгътӕ, фехъусын кодта Sputnik комитеты разамонӕг Зассеты Сергей.

Хуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ

Цъоны дӕлвӕз цадӕггай арӕзт цӕуы, фӕлӕ зымӕгон курорты домӕнтӕн нырма дзуапп нӕ дӕтты.

"Паддзахадон финансон ӕххуысӕй балхӕдтам 18 фӕлыст къахдзоныгътӕ ӕд ботинкæтæ. Ныридӕгӕн ифтонгад сты бынаты ӕмӕ улӕфт бонты æфстау къахдзоныгътыл Цъоны дӕлвӕз уыдзӕн сфӕлварыны фадат хӕххон улӕфт чи уарзы, уыдонӕн", - загъта Зассеты Сергей.

Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс

Комитеты сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, къахдзоныгъты прокаты фӕзынд у фыццаг этап, уый фӕстӕ ма спонсорон ӕххуысы фӕрцы фӕзындзӕн ноджы уӕрӕхдӕр фадӕттӕ.

Дзауы районы Цъоны хъӕуы къуылдымыл хӕххон къахдзоныгъты спорты федераци ӕрбакодта бырӕн трассӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы арӕх уазджытӕ свӕййынц улӕфджытӕ.