Хорз лӕвар: Хуссар Иры Паддзахадон драмон театры кусджытӕн фӕфылдӕр кодтой сӕ мыздтӕ

Пухаты Эрик банысан кодта, хицауады скъуыддзаг кӕй уыдзӕн хорз лӕвар Театры бонмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik. Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр уыдзысты 50 проценты, ахӕм уынаффӕ рахастой Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл.

Бӕрӕгбонон шоу: Хуссар Иры банысан кӕндзысты театры бон

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, мыздтӕ кӕй фӕфылдӕр сты, уый у хорз лӕвар Театры бонмӕ, кӕцы банысан кодтой ӕртыццӕджы, 27 марты, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Паддзахадон драмон театры кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл фӕдзӕхст радта хицауадӕн РХИ президент Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма хицауады рабадтыл ӕрдзырдтой паддзахадон кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныныл. Ныртӕккӕ фарст ис ӕркасты стадийыл Уӕрӕсейы Федерацийы фӕллойады министрадимӕ иумӕ, банысан кодтой пресс-службӕйы.