Бӕрӕгбонон шоу: Хуссар Иры банысан кӕндзысты театры бон

© Sputnik / Наталья АйриянГосударственный драматический театр им. Коста Хетагурова: открытие
Государственный драматический театр им. Коста Хетагурова: открытие - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сценӕйыл труппӕйы уӕнгтӕ равдисдзысты музыкалон номыртӕ ӕмӕ спектакльтӕй скъуыддзӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр банысан кӕндзӕн театры ӕхсӕнадӕмон бон. Сценӕйы мастертӕ равдисдзысты скъуыддзӕгтӕ спектакльтӕй ӕмӕ музыкалон номыртӕ, культурон уагдоны фойейы къултӕ сфӕлынддзысты къамтӕ ӕмӕ афишӕтӕ, загътой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Мæргъиты Инга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Фатимæ": театр снысан кодта премьерæйы бон

Театры æхсæнадæмон бон æрвылаз нысан цæуы 27 марты.

"Театры æхсæнадæмон бон банысан кæндзыстӕм бӕрӕгбонон шоуӕй. Уазджытӕ театры историимӕ базонгӕ уыдзысты къамты ӕмӕ афишӕты руаджы - ацы бонмӕ театры фойе сфӕлынддзысты афишӕтӕй, стӕй ма ног ӕмӕ хистӕр фӕлтӕр артистты къамтӕй. Сценӕйыл труппӕйы ӕппӕт уӕнгтӕ равдисдзысты музыкалон номыртӕ ӕмӕ спектакльтӕй скъуыддзӕгтӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Цхинвалы равдисдзысты спектакль Ромео и Джульетта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы равдисдзысты спектакль "Ромео и Джульетта"

Уым ма банысан кодтой, мадзалмӕ хуынд ӕрцыдысты республикӕйы разамынад ӕмӕ сӕ цӕгатирыстойнаг коллегатӕ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр бӕрӕгбон ивгъуыд аз банысан кодта Жан Ануйы пьесӕ "Антигона"-мæ гæсгæ спектаклы премьерӕйӕ. Трагеди ссис 2018 азы сæйраг премьерæтæй иу.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0