Хуссар Иры ЦӔК-ы скондмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ

Депутатты фылдӕр хорзыл банымадтой къамисы уӕнгты кандидатурӕтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппӕрӕмы снысан кодта дыууӕ минӕвары республикӕйы Централон ӕвзарӕн къамисмӕ.

Уыдон ссисты парламенты консультант Годжысаты Гултамзе ӕмӕ хицауады аппараты кусӕг Джиоты Фатимӕ.

Раздӕр закондӕттӕг органы минӕвар ЦӔК-ы уыд Лалиты Зӕлинӕ, кӕцы ныр у юстицийы министр. Ноджы ма иу минӕвар парламентӕй уыд Туаты Артур, кӕцы Гасситы Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕхӕдӕг рахызт ЦӔК-ы скондӕй.

Хуссар Иры президент снысан кодта парламентмӕ ӕвзӕрстыты датӕ

Афтӕ ма Гасситы Петр фехъусын кодта, майрӕмбоны кӕй ацӕудзӕн ноджы иу рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы депутаттӕ хъуамӕ сбӕрӕг кӕной ӕвзарӕн зылдты арӕнтӕ ӕмӕ схемӕтӕ.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.