Ирон сумоист Хъараты Аланы рафысдзысты рынчындонӕй

Спортсмены къухты бафтыд сӕйраг уӕлахиз йӕ царды – йӕ ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр ӕмӕ йӕ дохтыртӕ цӕттӕ кӕнынц рафыссынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik. Цæгатирыстойнаг номдзыд спортсмен, сумойæ дунейы авд хатты чемпион, дунейы фондз хатты чемпион армрестлингæй Хъараты Аланы цӕттӕ кӕнынц рынчындонӕй рафыссынмӕ, хъусын кӕны телеканал Осетия-Ирыстон.

Номдзыд ирон сумоист Хъараты Аланы хоскæнынад адарддæр кæндзысты Японийы

Хъараты Аланы бахауд Цæгат-Кавказы бирæпрофилон медцентрмæ уæззау уавæры. Дохтыртæ йын сарæзтой æртæ операцийы, сæ нымæцы вазыгджын, кæцы цыд 16 сахаты бæрц.

Центры сӕйраг дохтыр Уртаты Роланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, операцийы рӕстӕджы сын фӕзынд зындзинӕдтӕ. Операциты фӕстӕ спортсмен иу мӕй арвыста реанимацийы.

Хъараты Аланы къухты бафтыд сӕйраг уӕлахиз йӕ царды – йӕ ӕнӕниздзинад фӕхуыздӕр ӕмӕ йӕ дохтыртӕ цӕттӕ кӕнынц рафыссынмӕ.