Ирон нывгӕнджыты равдыст ацӕудзӕн Санкт-Петербурджы

Ирон мастерты экспозицийы баконд ацӕудзӕн 13 апрелы Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Санкт-Петербурджы ацӕудзӕн ӕрвылазон равдыст "Осетинская палитра на берегах Невы", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ Цӕгат-Ныгуылӕн федералон зылды.

Классик нывгӕнджыты цӕстӕнгасӕй: Культурӕйы министрад рауагъта къӕлиндар Къостайы азмӕ

Экспозици равдисдзысты 13-26 апрелы Санкт-Петербурджы Маяковскогойы уынгыл, 41. Равдысты уыдзысты мастертӕ ӕмӕ алыгъуызон скъолатӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕндӕтты рауагъдонты куыстытӕ.

"Мадзалы хайадисджытӕ уыдзысты нӕ номдзыд ӕмбӕстӕгтӕ: Абайты Евгений, Абайты Сослан, Бигъуылаты Рудольф, Гӕззаты Сабина, Гугкаты Чермен, Гадаты Белла, Гобеты Алина, Джиоты Ольга, Дзукаты Евгения, Дзуццаты Зауырбег, Кацты Вадим, Касаты Марат, Къуллыты Марат, Лохты Роза, Дзерасса Лозовая (Цогойты), Александр Перепелицин, Сергей Секирин, Тыбылты Махар, Тыбылты Эльвира, Тубеты Арсен, Халӕты Руслан, Павел Ясыченко, Макъоты Магомед ӕмӕ ӕндӕртӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Равдыст уагъд цӕуы РЦИ-Аланийы минӕварад Цӕгат Нуыгылӕны федералон зылды ӕмӕ Санкт-Петербурджы ирон диаспорӕйы ӕххуысы руаджы.