Театр "Саби" ӕрцыд Цхинвалмӕ

Сфӕлдыстадон къорд сӕ гастролон балцы рӕстӕджы сабидӕтты ӕмӕ уӕрӕхдӕр фӕзуатты ӕвдисдзысты спектакльтӕ "Хӕхты кадӕг" ӕмӕ "Ӕрсой"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвал ӕхсӕз бонмӕ ӕрфысым кӕндзӕн Цӕгат Иры ӕрыгон кӕсӕджы театр "Саби"-йы. Уазӕг артистты къорд Хуссар Иры сӕ гастролон туры фӕлгӕтты равдисдзысты дыууӕ спектакль ирон ӕвзагыл, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.

Ӕрыздӕхт: спектакль "Ромео и Джульетта" ногӕй равдисдзысты Цхинвалы

Ӕрыгон кӕсӕджы театр "Саби" ӕрхаста спектакльтӕ "Хӕхты кадӕг" ӕмӕ "Ӕрсой". "Саби"-йы ӕрцыд фӕстаг рӕстӕджы ссис ӕртыккаг гастролон балц цӕгатирыстойнаг коллективтӕн Хуссар Ирмӕ. Амӕй размӕ Ирыстоны хуссары уыдысты Фӕсивӕдон театры ӕмӕ Ирон театры труппӕтӕ.

"7 апрелы "Саби" райдыдта йӕ гастролон тур Хуссар Иры. Сӕ репертуар конд у мадӕлон ӕвзагыл дыууӕ спектаклӕй. Уазӕг сфӕлдыстадон къорд Хуссар Иры чысыл кӕсджыты рӕвдаудзысты 12 апрельмӕ. Равдыстытӕ цӕудзысты ПККЗ "Чермен", КХ "Софпроф", сабидӕттӕ ӕмӕ рӕвдауӕндӕтты", - загътой пресс-службӕйы.

Дзӕуджыхъӕуы Ирон театр йæ уалдзыгон гастролтæ райдыдта Цхинвалæй

"Хӕхты таурӕгъ" сӕвӕрдта ӕвӕрӕг-режиссер Амзор Бараков адӕмон таурӕгъты бындурыл. Куклӕты спектаклы хронометраж у 35 минуты. Сюжетмӕ гӕсгӕ хъӕбатыр сахъгуырд Ацӕмӕз хъуамӕ ссӕрибар кӕна йӕ райгуырӕн хъӕу кӕлӕнгӕнӕджы фыдбылызтӕй.

Дыккаг спектакль "Ӕрсой" сӕвӕрдта адӕмон таурӕгъты бындурыл ӕвӕрӕг-режиссер Саламты Наталья. 35 минутон равдыст нымад у 3 азӕй уӕлӕмӕ кары сабитӕн. Равдысты центры сты ӕнӕзӕнӕг бинонтӕ, кӕцытӕн цъиу ӕрбахаста сидзӕр лӕппуйы.