Адавд ӕмӕ дыууӕ ФТЦ: Хуссар Иры МХМ республикӕйы ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Цхинвалы цӕрӕджы бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ хӕдтулгӕйӕ автомагнитола адавыны тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой дыууӕ фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад

"Горӕты мидхъуыддӕгты хайады радгӕсон службӕмӕ ӕрбацыд хъусинаг, столицӕйы 23-аздзыд цӕрӕджы ВАЗ 2106 хӕдтулгӕйӕ ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ кӕй адавтой "Pioneer" автомагнитола. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой столицӕйы 24-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта фыдракӕнд саразыны фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фыдгӕнӕджы бакодтой рӕстӕгмӕ дарӕн изолятормӕ, милицийы кусджытӕ уадзынц басгӕрст ацы фыдракӕнды фӕдыл.

Афтӕ ма 1-8 апрелы Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы райстой буары цӕфтӕ. Рейдты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 200 фӕткхалды, 10 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нотзджынӕй.