Боксер Битеты Ричарды ӕрцахстой Ленингоры

Битеты Ричард фехста боксер Чилӕхсаты Таиры травматикон пистолетӕй ӕмӕ фӕтары ис цауы бынатӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Боксер Битеты Ричарды, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы боксер Чилӕхсаты Таиры фехсынмӕ, ӕрцахстой Ленингоры поселочы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Абон 11 сахатыл Битеты Ричарды ӕрцахстой Ленингоры поселочы. Уагъд цӕуынц ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕнӕм цауы ӕууӕлтӕ", - загъта мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь.

Битеты Ричарды ӕрцахсыны фӕдыл операци ауагътой Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад, уголовон фӕдагуырды хайад ӕмӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджытӕ.

Хуссар Иры боксы федераци фехъусын кодта дыууӕ ирон боксеры ӕхсӕн хылы лыстӕгдзинӕдтӕ

Наниты Игорь банысан кодта, Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты ауагътой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ.

Битеты Ричард ӕмӕ Чилӕхсаты Таиры ӕхсӕн хыл ӕрцыд дыццӕджы изӕры. Иннӕ бон спортсментӕ хъуамӕ фембӕлдаиккой рингыл ӕхсӕнадӕмон боксы турниры фӕлгӕтты Цхинвалы. Спортивон цауы размӕ боксер Хуссар Ирыстонӕй Битеты Ричард фехста йӕ ӕмбӕстаг Чилӕхсаты Таиры къӕхтӕ травматикон пистолетӕй.

Чилӕхсаты Таиры цӕфтӕ тӕссаг не сты спортсмены цардӕн, фӕлӕ турниры хайад райсын йӕ бон нал уыд.