Хуссар Иры фӕзындзӕн ног ӕфсӕддон ном

Раздӕр Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты бӕрзонддӕр ӕфсӕддон ном уыд инӕлар-лейтенант
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны парламент бахаста ивындзинад "Ӕфсæддон хæсы фӕдыл" законмӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ республикӕйы Гарзджын тыхты бӕрзонддӕр ӕфсӕддон ном уыдзӕн инӕлар-булкъон.

Бибылты Анатолий: Хъахъхъӕнынады министрад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ

Парламенты радон рабадтыл ахӕм хъӕппӕрис рахаста вице-спикер Харебаты Сергей.

"Уӕрӕсейы ӕфсады инӕлар-булкъоны ном ис рагӕй. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, раст нӕу, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы гарзджын тыхты разамонджыты фембӕлдты рӕстӕджы нӕ министрӕн йӕ ӕфсӕддон ном дӕлдӕр куы уа", - банысан кодта Харебаты Сергей.

Афтӕ ма депутат банхъардта ӕркӕсын инӕлар-булкъонты службӕйы максималон кары фарстмӕ.

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой закон.