Бибылты Анатолий банхъардта Хуссар Иры хӕсты ветерантӕм ӕрбаиу кӕнын сӕ тыхтӕ

Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, ветерантӕ иугонд кӕй не сты, уый пайда у "алыгъуызон политикон тыхтӕн"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий банхъардта хӕдӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хӕсты ветерантӕм, цӕмӕй саразой иумӕйаг стыр организаци. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта 1989-2008 ӕзты хӕсты ветеранты Цӕдисы ӕхсӕнадон организаци "Гордость Осетии-Алании"-йы минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий банхъардта Хуссар Иры хӕсты ветерантӕм ӕрбаиу кӕнын сӕ тыхтӕ

"Махмӕ ис бирӕ ветерантӕ, абон дзы ам ис сӕ чысыл хай. Уый фӕдыл нӕ хъӕуы ауадзын хӕсты ветеранты иумӕйаг уанел, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕн фадат ӕрбаиу кӕнын иунӕг стыр ӕмӕ фидар организацимӕ", - банхъардта президент.

Президент банысан кодта, ветерантӕ иугонд кӕй не сты, уый пайда у ӕрмӕстдӕр алыгъуызон политикон тыхтӕн.

Ветеранӕн Хуссар Ирӕй радтой Сталинграды тохы хайадисӕджы зӕрдылдарӕн нысан

"Уӕ тых ис иудзинады. Ӕмӕ сымах уый хъуамӕ ӕмбарат. Алкӕцы политикон тых дӕр алыхатт дӕр фӕнд кодта ӕмбырд кӕнын "йӕхи" ветеранты. Уый фӕстиуӕгӕн махмӕ ис дӕсгай аналогион организацитӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Фембӕлды рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой 1989-2008 ӕзты хӕсты хайадисджыты статусы фарстыл.

Организацийы сӕрдар Джиоты Ростислав банысан кодта, кӕй хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ Ветеранты фӕдыл законмӕ, кӕцытӕ баст сты сӕ статусимӕ.