Парти "Иудзинад" схъӕлӕс кодта Хуссар Иры парламентмӕ кандидатты снысан кӕныныл

Политикон парти нӕ раразмӕ кӕндзӕн мажоритариты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Козаты Диана. Политикон парти "Иудзинад" къуырисӕры ауагъта уанел. Парти нывӕнды раразмӕ кӕнын депутаттӕм кандидатты иунӕг ӕвзарӕн зылдӕй.

"Адӕмы иудзинад" раразмӕ кодта кандидатты депутаттӕм

Кандидатты номхыгъды сӕргъ слӕууыд Хуссар Ирыстоны экономикӕйы раздӕры министр Кокойты Геннадий.

Афтӕ ма номхыгъдмӕ бахызтысты раздӕры вице-премьер Техты Алан, ахуыргӕнӕг ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты раздӕры сӕрдар Бедойты Элеонора, амалиуӕггӕнӕг Джиоты Роман ӕмӕ хицауады раздӕры минӕвар арламенты Дзуццаты Мурӕт.

Партийы лидер Кокойты Зураб номхыгъды ис ӕхсӕзӕм бынатыл.

Парти "Иудзинад" схъӕлӕс кодта Хуссар Иры парламентмӕ кандидатты снысан кӕныныл

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.