Хуссар Иры хицауады сӕрдар 2019 азы Инвестпрограммӕйы реализацийы тыххӕй: хорз темп

Ӕхсӕнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы уӕнгтӕ ӕрдзырдтой инвестицион программӕты реализацийы фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрад егъау куыст кӕй бакодта 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕйы реализацийыл. Уый тыххӕй премьер-министр фехъусын кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы рабадты рӕстӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Цхинвалы ӕрдзырдтой 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйыл

"2018 азы инвестицион программӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтам, хорз темпы цӕуы 2019 азы инвестицион программӕйы реализаци дӕр. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын арӕзтады министрадӕн Зӕгъойты Эдуарды сӕргълӕудӕй ӕнтыстджын куысты тыххӕй", - загъта Пухаты Эрик.

Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой Ӕхсӕнхицауадон къамисы фӕлгӕтты инвестицион ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнуагдонон кусӕгон къорд саразыныл, афтӕ ма республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕ ӕмӕ ахуырады дарддӕры модернизацийы фарстытыл.

Ӕхсӕнхицауадон къамисы юбилейон дыууынӕм рабадт ацӕудзӕн 19 апрелы Цхинвалы.