Цхинвалы ӕрдзырдтой 2020-2022 ӕзты Инвестпрограммӕйыл

© Официальный сайт Правительства РЮОЦхинвалы ӕрдзырдтой 2020-2022 Инвестпрограммӕйыл
Цхинвалы ӕрдзырдтой 2020-2022 Инвестпрограммӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ӕртӕбонон кусӕгон балцы, ӕрдзырдта республикӕйы хицауады фидӕны инвестицион программӕйы арӕзтады фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2020-2022 ӕзты инвестицион программӕйы арӕзтады рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн республикӕйы райрӕзты приоритетон здӕхттӕм. Уый тыххӕй фехъусын кодта хицауады сӕрдар Пухаты Эрик кусӕгон рабадты рӕстӕджы УФ Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегациимӕ, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ӕртӕбонон балцы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегаци ӕрцӕуы Цхинвалмӕ

"Адарддӕр кӕндзыстӕм фӕндӕгтӕ, хидтӕ, цӕрӕнуат ӕмӕ ахуыргӕнӕндӕтты арӕзтад", - загъта Пухаты Эрик.

Афтӕ ма хицауады сӕрдар банысан кодта, йӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ кӕй ивынц ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ сабидӕтты арӕзтады нывӕзт, сӕйраджыдӕр, скъуыддзаг цӕуынц сабидон ЦАРЗы районы, сӕрдыгон хоскӕныны лагерь ӕмӕ столицӕйы ӕртыккӕгӕм скъолайы арӕзтады фарстытӕ.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, кӕй хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын бюджетон фадыджы кусджыты мыздтӕ 2019 азы хӕларад ӕмӕ интеграцийы бадзырды фӕлгӕтты.

Рабадты рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадтмӕ цӕттӕкӕнынады фарстытыл, кӕцы ацӕудзӕн Цхинвалы 2019 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0