Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис

Бӕстӕты ӕхсӕн ахастытыл ӕрдзырдтой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ сириаг делегацийы фембӕлды рӕстӕджы Ялтайы ӕхсӕнадӕмон форумы фӕзуатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон сарӕзта Сириимӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хай, банысан кодта Бибылты Анатолий сириаг делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

"Сарӕзтам ӕхсӕницауадон къамисы хуссарирыстойнаг хай. Уырны мӕ, иумӕйаг къамис кӕй скусдзӕн тагъд рӕстӕджы ӕмӕ архайдзӕн нӕ паддзахадты ӕхсӕн бадзырдты реализацийыл", - загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис

Сирийы экономикӕйы министр Самер Аль-Халиль банысан кодта, йӕ бӕстӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн кӕй бафыстой цалдӕр ахсджиаг бадзырды, ӕмӕ абон хъӕуы аразын практикон къахдзӕфтӕ, цӕмӕй сӕ среализаци кӕной.

"Хъӕуы пайда кӕнын нӕ бӕстӕты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕй. Сириаг депутатты балц Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ паддзахадон организациты ӕхсӕн ахастытӕ райтынг кӕндзысты дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстад", - банысан кодта министр.

Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис

Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Рияд Хаддад фехъусын кодта, САР Адӕмон ӕмбырды балцы датӕ Хуссар Ирыстонмӕ сбӕрӕг кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджыты.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды.