Майы улӕфтытӕ: Хуссар Иры дыууӕ хатты баулӕфдзысты цалдӕргай бонтӕ

Хицауады сфидар кодтой улӕфт бонты фӕтк Уӕлахиз ӕмӕ Уалдзӕг ӕмӕ Фӕллойгӕнджыты бонты фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц республикӕйы цӕрджытӕм 1-ӕй 5-ӕм маймӕ ӕмӕ 9-ӕй 12-ӕм маймӕ, фехъусын кодтой республикӕйы хицауады.

Хуссар Иры уыдзысты дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ

Бӕрӕгбонты ахӕссыны фӕдыл ӕххӕстгӕнӕг органы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм январы ӕнцойы бонтӕ рахастой дыккӕгӕм ӕмӕ ӕртыккӕгӕм маймӕ. Бӕрӕгбонон 23 февраль, кӕцы ӕрхауд сабатмӕ ахастой 10-ӕм маймӕ.

Уый хыгъд уалдзӕг ӕмӕ фӕллойы бонты тыххӕй улӕфдзысты фондз боны, Уӕлахизы боны цытӕн улӕфтытӕ та ахӕсдзысты цыппар боны.