Хуссар Иры ивгъуыд къуыри ӕртӕ адӕймаджы зиан баййӕфтой ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн

Республикӕйы МХМ хыгъдлӕвӕрд радта Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ авари, кӕцыты фӕстиуӕгӕн республикӕйы ӕртӕ цӕрӕджы аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ: Хуссар Иры фӕфылдӕр ис фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад

Афтӕ ма рейдты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 205 фӕткхалды, ӕхсӕз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри срегистраци кодтой дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕй иу сбӕрӕг кодтой. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй ӕртӕ ӕмбӕстаджы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй.