ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕн уагдоны хатдзӕгтӕ скодтой тоталон диктантӕн. Ӕртӕ хуыздӕр куысты хицӕуттӕ райсдзысты дипломтӕ славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы хистӕр, ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл проректор Тедеты Зӕлинӕ.
Тоталон диктант уагъд ӕрцыд уырыссаг ӕвзаджы кафедрӕйы хъӕппӕрисӕй, архайдтой дзы 100 адӕймаджы бӕрц.
"Ивгъуыд къуырийы кӕрон ауагътам тоталон диктант, цы ран хайад райстой ӕппӕт факультетты студенттӕ ӕмӕ цалдӕр ахуыргӕнӕджы. Хуыздӕр куыстыты номхыгъдмӕ бахаудысты 10 куысты бӕрц, се ʻхсӕн ХИПУ-йы ахуырдзаутӕ – Дзугаты Дзерассӕ, Джергаты Артур, Джиоты Зара, Гуыцмӕзты Анастасия, Стамбулян Георгий ӕмӕ ӕндӕрты куыстытӕ. Уыдон ауагътой ӕртӕ пунктуацион рӕдыды бӕрц. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ равдыстой хорз зонындзинӕдтӕ – 15 рӕдыдӕй фылдӕр ничи ауагъта",- загъта Тедеты Зӕлинӕ.
Уый ма банысан кодта, хуыздӕр куыстыты хицӕуттӕ райсдзысты дипломтӕ славяйнаг фыссынад ӕмӕ культурӕйы бон.
"Диктант сӕххӕст кодта йӕ сӕйраг нысан – рабӕрӕг кодтам зонындзинӕдтӕ ӕмӕ студентты хъусдард раздӕхтам ахуырмӕ. Къамис аскъуыддзаг кодта, хуыздӕр куыстыты ӕхсӕн равзарын ӕртӕ фыццаг бынаты ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кӕндзыстӕм дипломтӕй , ӕппӕт архайджытӕ та райсдзысты хайадисӕджы сертификаттӕ", - бафтыдта уый.
Тоталон диктант ауагътой Цхинвалы скъола-интернаты ӕмӕ кӕцыдӕр районты дӕр.