ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы сабаты, 27 апрелы, байгом уыдзӕн хъӕууон хӕдзарадон армукъа, кӕцы нывонд у Куадзӕны цытӕн. Мадзал, кӕцы ӕрӕмбырд кӕндзӕн республикӕйы фермерты, ацӕудзӕн базар "Торговые ряды на Архонском"-ы, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарады министрады пресс-службӕ.
Армукъайы бавдисдзысты дыргътӕ, халсартӕ, фыдызгъӕл, мыд, кӕсаг ӕмӕ ӕндӕр продукци.
"Мах ӕрӕмбырд кодтам ацы фӕзуатыл иууыл цӕсгомджындӕр регионалон фермерты. 30 куыстуаты бафӕндыд хайад райсын армукъайы. Сӕ продукци уӕй кӕндзысты 15-20 проценты къаддӕр аргъӕй", - банысан кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Уазиты Хъазбег.
Фӕзуаты базарадон бынӕттӕ дӕттынц ӕнӕаргъӕй.
Армукъа уагъд цӕуы республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы барамындӕй.