Цхинвалы горӕтгӕрон ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ фехӕлдтой арӕны режим

Арӕнсӕтджытӕй иу лӕууы хыгъды психиатрон уагдоны – Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон службӕ сӕ ратдзӕн гуырдзиаг фарсӕн ӕнӕ ивартӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Цхинвалы хуссарварс кӕроны арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим. Цау ӕрцыд дыццӕджы, 24 апрелы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы.

Цхинвал бафӕдзӕхста Гуырдзыстоны арӕны провокациты фӕдыл бӕрны тыххӕй

"Дыууӕ арӕнсӕттӕг дӕр сты Гуры районы Никозы хъӕуы цӕрджытӕ, Меланишвили Габриэл, 1993 азы гуырд ӕмӕ Мчедлидзе Тамаз, 1980 азы гуырд", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, Мчедлидзе Тамаз лӕууы хыгъды психиатрон уагдоны, ӕмӕ уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны ПӔК арӕнгӕрон службӕ аскъуыддзаг кодта раттын арӕнсӕтджыты ӕнӕ ивартӕй.