Хуссар Иры фӕтыхджындӕр кӕндзысты цӕстдард арӕнгӕрон районты

Тыхон структурӕты кусджытӕ ауадздзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты арӕнгӕрон фадыджы фӕткхӕлдты профилактикӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 мая – Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты кусджытӕ майы фӕтыхджындӕр кӕндзысты цӕстдард республикӕйы арӕнгӕрон районты, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры ПӔК арӕнгӕрон службӕ фехъусын кодта ивгъуыд мӕйы арӕнсӕтджыты тыххӕй

Иумӕйаг мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты арӕнгӕрон фадыджы фӕткхӕлдты профилактикӕмӕ, ауадздзысты уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ МХМ ӕмӕ таможнӕйы ӕмархайдӕй.

"Мадзӕлтты комплексы рӕстӕджы фӕтыхджындӕр кӕндзысты цӕстдард паддзахадон арӕны режимы уавӕрмӕ ӕмӕ арӕны уылты адӕм ӕмӕ транспортон фӕрӕзтӕ ауадзынмӕ, афтӕ ма ӕрзилдзысты арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты  кӕртытыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК ӕрсидт арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты цӕрджытӕм, цӕмӕй семӕ хӕссой бӕлвырдгӕнӕн документтӕ, афтӕ ма ӕмбаргӕ ахаст дарой рӕстӕгмӕ зынвадатмӕ, кӕцы гӕнӕн ис фӕзына режимон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы.