Хуссар Иры фӕцис хоры уалдзӕгон тыд

Ацы аз хортыды иумӕйаг фӕзуат фӕфылдӕр 300 гектары бӕрц, банысан кодтой хъӕууон хӕдзарады министрады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мая - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны районты фесты уалдзӕгон куыстытӕ. Хъӕууон хӕдзарады дӕлхайады сӕйраг специалист Дыгъуызты Таймураз радзырдта Sputnik, иумӕйагӕй кӕй байтыдтой дыууӕ мин гектармӕ ӕввахс.

Бибылты Анатолий: Хуссар Ир у хъӕууонхӕдзарадон бӕстӕ

"Ацы аз министрад байтыдта 1,3 мин гектары хъӕбӕрхор ӕмӕ 600 гектарӕй фылдӕр мӕнӕу, уый 300 гектары у фылдӕр фарон азмӕ абаргӕйӕ", - банысан кодта Дыгъуызты Таймураз.

Тыды иумӕйаг нымӕцӕй, хъӕбӕрхоры иу мин гектары байтыдтой Ленингоры районы.

Дыгъуызты Таймураз бафтыдта, зӕгъгӕ, дарддӕр районты байтаудзысты хъӕдур ӕмӕ нартхор.

Хъӕбӕрхоры тыд уагъд цыд мартӕй фӕстӕмӕ. Иумӕйагӕй районты архайдтой техникӕйы 20 иуӕджы.