Лавров: Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ФХМ хсӕн ӕмархайд уӕрӕх кӕны

Уӕрӕсейы Федерацийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ӕддагполитикон архайды координаци дарддӕр дӕр кӕй размӕ кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны интерестӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 май - Sputnik. Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров банысан кодта, кӕй рауӕрӕх ис ӕмархайд Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон уагдонимӕ. Уый тыххӕй уӕрӕсейаг чиновник фехъусын кодта йӕ арфӕйы телы Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитриймӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий: Хуссар Иры Сергей Лавровӕн кӕнынц стыр кад

"Ныфс мӕ ис, нӕ дипломатон уагдӕттӕ дарддӕр кӕй хӕссдзысты сӕ хайбавӕрд уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕмгуыстады сфидар кӕныны хъуыддагмӕ. Афтӕ ма ӕддагполитикон архайды координацийы механизм дарддӕр размӕ кӕндзӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны интерестӕ", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

Сергей Лавровы цӕст бауарзта Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕгӕн ӕнӕниздзинад ӕмӕ ног ӕнтыстытӕ йӕ куысты.