Цхуырбаты Тамерлан равдысттæ, династитæ, нывгæнæн аивад æмæ залы тыххæй

Бынæттон нывгæнджыты архайгæ равдысты фенæн ис сусæггонд сюжеттæ, хæсты æгъатыр фæд, Ирыстоны алæмæттаг æрдз æмæ зындгонд гоймæгты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Нывгæнджыты цæдис Культурæйы министрадимæ иумæ бакодтой бынӕттон нывгæнджыты куыстыты равдыст.

Экспозицимæ бавдыстой Ирыстоны хуссары нывгæнджыты 50 куыстæй фылдæр, кӕд мадзал нывонд у Стыр Уӕлахизӕн, уӕддӕр йӕ бавдыстгонд куыстытӕ ахызтысты хæсты темæйы арæнтæй.

Цхуырбаты Тамерлан равдысттæ, династитæ, нывгæнæн аивад æмæ залы тыххæй

Равдыст фенæн ис Киноконцертон зал "Чермен"-ы фойейы, гом уыдзæн сæрды райдайæнмæ.

Архайгæ æмæ фидæны равдысттæ, цæдисы нывæзт, равдыстты зал æмæ Хуссар Иры нывгæнæн аивады цæсгæмтты тыххæй Sputnik радзырдта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар, адæмон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерлан.

Ирыстоны хуссары нывæгæнæн аивады æппæт здæхæнтæ

Экспозици ахызт хæсты темæйы арæнтæй дарддæр, фылдæр бæрцæй адæмы размæ рахастой ног конд нывтæ. Хуызфыссынад, графикæ æмæ хъæдырмæгæй куыстытæ.

"Нывгæнджыты цæдисы ис 43 нывгæнæджы бæрц, фæлæ равдыстмæ рахастам нæ 21 уæнджы куыстытæ, зæгъæн ис ам бавдыст æрцыд Хуссар Иры æппæт нывгæнӕн аивад – хъæдæй скульптурæтæ, хуызфыссынад, графикæ ӕмӕ ӕндӕр здӕхӕнтӕ", - радзырдта Цхуырбаты Тамерлан.

Цхуырбаты Тамерлан равдысттæ, династитæ, нывгæнæн аивад æмæ залы тыххæй

Залмӕ бахизгӕйӕ цӕсты хауы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тематикæйыл дзурæг, номдзыд ирон инæлар Плиты Иссæйы портрет æвзонгæй, уый у Бекъойты Аланы куыст. Кæсойты Лаврентийы куыстытæ дӕр сты ацы хаххыл.

"Уæлдай рахицæнкæнинагыл нымайын "Авд цухъхъа"-йы – Кокойты Хазбийы нывмæ кæсæн ис сахатгай. Йæ мидæг саумæр кувæндоны хуызæн хатæн, ныййарæджы саст ныфс, зæхкусæг адæмы цард, хæсты æгъатыр тых", - банысан кодта цæдисы сæрдар.

Фондз адæмон нывгæнæджы æмæ династитæ

Равдыстмæ бацыдысты Хуссар Иры фондз адæмон нывгæнæджы куыстытæ - Кæсойты Лаврентий, Бежанты Вадим, Цхуырбаты Тамерлан, Санахъоты Валерий æмæ Гæбæраты Борисы нывтӕ.

Ӕвзонг фæлтæр та кæд нырма паддзахады ʻрдыгæй бæрзонд хорзæхтæ нæ райстой, уæддæр сын аивады ис сæхи цæстæнгас æмæ æрмдзæф.

Ирон нывгӕнджыты равдыст ацӕудзӕн Санкт-Петербурджы

"Куыд нывгæнæг, афтæ йæ тæккæ тыххы бацыд æвзонг Битеты Алан. Кокойты Мария у тынг курдиатджын чызг, ис ын йæхи уынынад аивады, йæ куыстыты ис райдзаст æмæ рогдзинад. Графикæйы архайы алыварсон лæппу Саулохты Георгий – шахматист, дохтыр æмæ график, йæ куыстытæ кæмфæндыдæр æвзæрын кæнынц цымыдис", - банысан кодта нывгӕнӕг.

Зæнæг сӕ фыдæлтæй, æвæццæгæн, канд фарнæй нæ фæхайджын вæййы, фæлæ ма курдиатæй дæр. Равдысты сæ куыстытӕ чи рахаста, уыдоны хсæн ис дыууæ нывгæнджыты династи.

Цхуырбаты Тамерлан равдысттæ, династитæ, нывгæнæн аивад æмæ залы тыххæй

"Мад æмæ чызг - Уалыты Дзерæссæ æмæ Цхуырбаты Тахмина, чысыл сын кæрæдзи æндæвдад ис. Чилæхсаты Галина у равдысты иууыл карджындæр нывгæнæг – 81 азы йыл цæуы, йæ нывтæ йын фарон Мæскуыйы равдысты сæвзæрын кодтой æлхæнджытæм цымыдис. Ам ма сты йæ фырт Ӕлборты Ӕхсæртæг æмæ чындз Сабаты Анжелайы нывтӕ, ацы чызгӕн хуызæнкъарынад лæваргонд у æрдзæй", - радзырдта Тамерлан.

Персоналон равдысттæ

Зындгонд нывгæнæг Гобозты Владимиры равдыст ацæудзæн Цхинвалы

Нывгӕнджыты цӕдис ацы аз хъавы Цхинвалы сорганизаци кӕнын цалдӕр равдысты. Фæззæджы Хуссар Ирыстоны хъуамӕ ацӕуа адæмон нывгæнæг Бежанты Вадимы персоналон равдыст.

"Стыр куыстытæ аразы серигай егъау бæрæгбӕттæм, кæд ын бинонты хсæн и уæззау проблемæтæ, уæд йæ сфæлдыстад та у райдзаст, йӕ нывтӕ хæссынц позитив", - радзырдта Тамерлан.

Сӕ нывӕзтмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайыны бонмæ цæттæ цæуы аннæ равдыст.

"Августы нывгæнджыты цæдисы культурон мадзал рацæудзæн ноджы гуырахстджындæр", - бафтыдта уый.

Равдыстон нывӕзты ма ис сгуыхт нывгæнæг Валерий Авагимовæн персоналон равдыст ӕмӕ мад æмæ чызг - Уалыты Дзерæссæ æмæ Цхуырбаты Тахминайы иумæйаг равдыст.

Равдыстты залы фидæн

Нывгæнджыты цæдисы сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Иры цал хатт ивы политикон разамынад, уал хатт райхъуысынц æвæрццаг ивындзинæдты ныфсытæ. Фæстаг рæстæджы ныфсытæм æрбафтыд архайд дæр.

Президент баххуыс кæндзæн Нывгæнджыты цæдисæн

"Цæдисы равдыстты зал алы ног президент дæр ныфс дæтты саразын. Архайгæ президент уал нæм йе 'ххуысы къух фæдаргъ кодта – æрвыл мæй нын хицæн цæуы йæ сӕрмагонд хыгъдæй 50 мин сомы, уыцы фæрæзтæй цадæггай цалцæг цæуынц нывгæнджыты æрмадзтæ. Равдыстты зал саразынӕй дæр нын радта ныфс æмæ йын йæ дзырдыл æууæндын", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.