ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий фембæлд Нывгæнджыты цæдисы уæнгтæ æмæ йæ сæрдар Цхуырбаты Тамерланимæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Нывгæнджытæ раргом кодтой сæ зындзинæдтæ æмæ бахатыдысты æххуысмæ сæ аиуварс кæныны хъуыддаджы.
Сфæлдыстадон кусджытæ æрдзырдтой æрмадзты цухдзинад æмæ равдыстыты зал сцалцæг кæныны æнæмæнхъæуæгдзинадыл. Цхуырбаты Тамерлан рахъаст кодта, нывгæнджытæн фадат кæй нæй сæ экспозицитæ фæсарæнтæм ахæссынæн.
Президент банхъардта Нывгæнджыты цæдисы дæлбар æрбакæнын сæрмагонд фонд. Йæхирдыгæй та ныфс бавæрдта, æрвылмæй дæр сын кæй хицæн кæндзæн 50 мин сомы.
"Ӕз рагæй дзурын, æппæт проблемæтæ паддзахады æккой куы сæкæнæм, уæд размæ нæ рацæудзыстæм. Æххуысы хуызы уын æз хицæн кæндзæн фæрæзтæ, фæлæ уæхæдæг дæр саразут фонд, кæцымæ цæуой, цы куыстытæ уæй кæнат, уыдон фæрæзты дæсæм хай", — загъта президент.
Цхуырбаты Тамерлан ма радзырдта дурынгæнджыты куыст сног кæныны проблемæтыл.
"Махмæ ис дæсны дурынгæнджытæ, фæлæ сын нæй æмбæлон пецтæ. Сæ балхæнынæн та нын нæй фæрæзтæ", — загъта цæдисы сæрдар.
Президент банысан кодта, дурынгæнæн хъуыддаг æнæмæнг кæй хъæуы сæндидзын кæнын, стæй ма банхъардта сфæлдыстадон æрмадзтæ сцалцæг кæныныл ахъуыды кæнын.