Машинӕ тротуартыл уромын нӕй гӕнӕн: Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтӕ

Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ шофырты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ уромынц сӕ хӕдтулгӕтӕ тротуартыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 май - Sputnik. Цхинвалы уагъд цӕуынц рейдтӕ, цӕмӕй мауал уадзой уромын автотранспорт тротуартыл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры ПАИ куры фӕфылдӕр кӕнын ивартӕ фӕткхалджытӕн

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ басгӕрстой Сталины, Абайты Уасойы, Ирӕтты, Плиты Ароны, Плиты Харитоны ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы уынгтӕ.

"Автоинспектортӕ сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ уыцы уынгтыл ӕмӕ бафӕдзӕхстой транспортон фӕрӕзты шофырты, тротуарыл ахизӕн ӕхгӕнын кӕй нӕй гӕнӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, ахӕм рейдон мадзӕлттӕ Паддзахадон автоинспекци дарддӕр дӕр кӕй уадздзӕн.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар ӕрсидт ӕфхӕрын шофырты тротуартыл уромыны тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, столицӕйы кӕй ис каннӕг тротуартӕ ӕмӕ шофыртӕ арӕх сӕхгӕнынц ахизӕн фистӕг бӕлццӕттӕн.