Донецкы сӕнусон кодтой хӕдӕфсады ирыстойнаг командир Мамиты Олегы ном

Цырты баконды церемонийы хайад райстой Донецкы Адӕмон Республикӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны разамонджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Донецкы дыццӕджы бакодтой Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) Хъайтар, легендарон интернационалон батальон "Пятнашка"-йы командир Мамиты Олегы (сидӕн "Мамай") бюст, кӕцы амард иу азы размӕ Авдеевкӕйы цур, хъусын кӕны Донецкы ног хабӕртты агентад.

Донецкы сӕнусон кодтой хӕдӕфсады ирыстойнаг командир Мамиты Олегы ном

Хъайтарӕн цырт сарӕзтой столицӕйы Ленины Комсомолы номыл парчы. Церемонийы хайад райстой ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин, хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ легендарон командиры хӕстон ӕмгӕрттӕ. Мадзалмӕ сӕрмагондӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дӕр.

"Уый уыд адӕймаг, кӕцы ныууагъта йӕ сабыр цард ӕмӕ ацыд хӕстмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ зыдта, кӕм ис рӕстдзинад ӕмӕ кӕм сты знӕгтӕ. Донецкы Адӕмон Республикӕйы цӕрджытӕ йын бузныг сты йӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй", - загъта Денис Пушилин.

Бюсты баконды церемонимӕ ӕрцыд Мамиты Олегы идӕдз Лариса йӕ лӕппу Зауыримӕ.
"Уый уыд ӕцӕг хъайтар – куыд ӕфсӕддон, куыд адӕймаг ӕмӕ куыд фыд. Ныфс мӕ ис, нӕ лӕппу йӕ хуызӕн кӕй уыдзӕн. Йӕ ном ын кӕй сӕнусон кодтой, уый тыххӕй Олег уыдзӕн удӕгас алыхатт дӕр. Цалынмӕ йӕ хъуыды кӕнынц, уӕдмӕ ис немӕ", - загъта командиры ус.
Мамиты Олег ӕрцыд Донбассмӕ Ирыстонӕй 2014 азы, ссис "Донбассы иууыл зындгонд ирӕттӕй сӕ иу", банысан кодтой организацийы. Мамай ссис интернационалон бригадӕ "Пятнашка"-йы командир, схорзӕхджын ӕй кодтой ДАР-ы майдантӕй.

Мамай фӕмард ис 2018 азы 17 майы. Фарон Мамиты Олегӕн радтой ДАР Хъайтары ном.