ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикӕйы территорийыл ивгъуыд къуыри, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Республикӕйы территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, кӕцыты иууылдӕр сбӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй иуы наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Республикӕйы фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг.
Уымӕй дарддӕр ма рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 240 фӕткхӕлды. 10 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.