Цхинвалы ӕрцахстой ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕм уыд ӕрдӕг килограммӕ ӕввахс "Насвай"

© МВД РЮОЦхинвалы ӕрцахстой ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕм уыд ӕрдӕг килограммӕ ӕввахс "Насвай"
Цхинвалы ӕрцахстой ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕм уыд ӕрдӕг килограммӕ ӕввахс Насвай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Таджикистаны фондз ӕмбӕстаджы ӕвӕрдтой сӕ фатерты тобӕгонд ӕууилгӕ тамако

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik. Цхинвалы тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ республикӕ Таджикистаны цыппар ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой – иуы та сбадын кодтой ахӕстоны ӕууилкӕ тамако "Насвай" ӕвӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дуканийы уӕйгӕнӕгмӕ ссардтой тобӕгонд "снюс"

Фыдгӕнджыты сбӕрӕг кодтой рейдты рӕстӕджы фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты рӕстӕгмӕ цӕрӕн бынӕтты Цхинвалы уголовон фӕдагуырд, миграцийы фӕдыл хайад ӕмӕ ПӔК кусджытӕ.

Буарад, кӕцы ссардтой Таджикистаны фондз ӕмбӕстагмӕ, бавдыстой басгӕрстмӕ МХМ экспертон-криминалистон центрмӕ – йӕ массӕ уыд 400 граммӕй фылдӕр.

Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ фехӕлдтой РХИ закон "снюс" ӕмӕ "насвай" тамако ласын, ӕлхӕнын, уӕй кӕнын ӕмӕ пайда кӕныны" фӕдыл. Ацы закон фехӕлджыты Хуссар Ирыстоны ӕрбаздахдзысты административон бӕрнмӕ ӕмӕ сӕ фӕивар кӕндзысты, кӕнӕ та сӕ сбадын кӕндзысты ахӕстоны дыууӕ мӕймӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0