Дзæуджыхъæуы спрезентаци кодтой Хуыцауы номыл литургийы ирон тæлмацы

Уацмыс ирон æвзагмæ зынæй тæлмац кодта, фæлæ йыл чи архайдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, куыст уыдис æхсызгон æмæ цымыдисаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд Хуыцауы номыл литургийы ирон тæлмацы презентаци. Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Алания".

Хуыцауы литурги сӕдӕ азы фӕстӕ ногӕй айхъуыст ирон ӕвзагыл

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй литургийы ратæлмац кæнынæн арæзт æрцыд сæрмагонд къамис.

"Уацмыс ирон æвзагмæ зынæй тæлмац кодта, фæлæ йыл чи архайдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, куыст уыдис æхсызгон æмæ цымыдисаг. Цæттæ текстмæ иу цалдæр хатты бахастой ивддзинæдтæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Афтæ ма банысан æрцыд, сæ куысты рæстæг къамисы уæнгтæ кæй æнцой кодтой, ирон дины æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ цы тæлмацтæ скодтой, уыдоныл. Пайда кодтой фольклорон æрмæджытæй дæр.