Хуссар Иры командæ рамбылдта йæ фыццаг фембæлд "ConIFA – 2019"-йы

Нæ командæ фæуæлахиз ис Ныгуылæн Арменийы командæйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Иры командæйы дебютон ралæуд ConIFAйы фæлгæтты Европæйы чемпионаты ахицæн ис 2:1 хыгъдæй.

Хуыцаубоны Хæххон Карабахы Мартунийы стадионы Хуссар Иры командæ йæ фыццаг матчы ConIFA – 2019 ЕЧ фембæлд Ныгуылæн Арменийы командæимæ.

Зассеты Сергей: Хуссар Ир арвитдзӕн ConIFA-2019 чемпионатмӕ фидар командӕ

Хъазт ацыд хуссарирыстойнаг къорды ахадгæ уæлидзинадимæ: фыццаг бурти бакодта 28 минутæйыл æвдæм номыры бын хъазæг футболист Цæгат Ирæй Гурциты Батрадз

52 минутæйыл Батрадзы арæхстджын къуымон цæф рхаста æмбырдгондæн ноджы иу гол.

Дыккаг таймы æмбис Ныгуылæн Арменийы командæйы фæактивондæр кодтой сæ хъазт: 75 минутæйыл нæ дуаргæс бауагъта Арман Асланяны цæф.

Матчмæ кастысты Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий æмæ Хæххон Карабахы президент Бако Саакян.

"Уый уыд хорз хъазт. Командæ равдыста удыхъæд, бантыст ын ныхмæ аккаг фæлæуын – уый хыгъд уæлахиз, цæй фæдыл арфæ кæнын не ʻмбырдгондæн. Ацы хъазт у дунейы чемпионаты ралæудты хорз бындур", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Бако Саакян раарфæ кодта йæ коллегайæн æмбырдгонды уæлахизы фæдыл, уый банысан кодтой, кæй уыд рæсугъд хъазт.

ConIFA–2019: Хуссар Ир бахызт Европӕйы чемпионаты сӕйраг хызӕгмӕ

Абон, 17:30 сахатыл Хуссар Иры командæ фембæлдзæн Паданийы æмбырдгондимæ.

Зноны хъазтмæ бакæсæн ацы адресыл myCujoo.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты. 2018 азы сӕрды Лондоны ацыд ConIFA дунейы кубок. Уӕд Хуссар Ирыстоны футболисттӕн нӕ бантыст райсын ӕмбӕлгӕ баллтӕ, цӕмӕй хайад райсой ерысты, фӕлӕ сӕ фӕхуыдтой турнирмӕ, куыд уазджыты, афтӕ. Футболисттӕ рацыдысты националон тырысаимӕ хайадисджыты традицион парады рӕстӕджы.

Европæйы Чемпионат ConIFA цæудзæн Хæххон Карабахы 9 июньмæ.

Хуссар Иры командæ рамбылдта йæ фыццаг фембæлд "ConIFA – 2019"-йы