Цӕгат Ир цӕттӕ кӕны райсын форум "Армия-2019"

Форумы фӕлгӕтты бавдисдзысты Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсад ӕмӕ регионы тыхон уагдӕтты техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 28-30 июны фыццаг хатт ацӕудзысты форум "Армия-2019"-ы равдыстон мадзӕлттӕ, хъусын кӕны телеканал "Звезда".

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры равдисдзысты нырыккон хӕцӕнгарзы фадӕттӕ

Мадзӕлтты фӕлгӕтты бавдисдзысты Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсад ӕмӕ регионы тыхон уагдӕтты техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ. Форумы быдыртыл сӕвӕрдзысты мил, цы ран уазджытӕ бакӕсдзысты инструктортӕ куыд ӕхсынц, уымӕ. Мадзалы хайадисджытӕн уыдзӕн фадат скъӕрын бронемашинӕтӕ "Тигр", КамАЗ ӕмӕ БТР-82А.

Афтӕ ма полигоны бавдисдзысты вертолеттӕ Ми-8АМТШ "Терминатор" ӕмӕ Ка-52 "Аллигатор".