Хуссар Ир хайад райсдзӕн егъау рок-фестивалы Донецкы

Афтӕ ма музыкалон форумы хайад райсдзысты рок-музыканттӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik. Рок-музыканттӕ Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты егъау рок-фестивалы, кӕцы ацӕудзӕн августы кӕрӕтты Донецкы Адӕмон республикӕйы.

Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн авторон зарӕджы фестиваль

Хайадисджыты нӕмттӕ нырма нӕ хъусын кӕнынц, радӕтта портал News-front адӕмон сфӕлдыстад ӕмӕ кинойы республикон хӕдзары генералон директор Максим Романовскийы ныхӕстӕ.

"Августы кӕрӕтты культурӕйы министрад нывӕнды ауадзын рок-фестиваль ӕмӕ фӕхонын артистты Уӕрӕсейӕ, афтӕ ма хӕларадон республикӕтӕй дӕр – Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазӕй. Фестиваль уыдзӕн тынг цымыдисон", - банысан кодта Романовский ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, мадзал ацӕудзӕн Донецкы сӕйраг фӕзуатыл.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.