Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн парламентон ӕвзӕрстыты тыххӕй

Арӕныл уадзӕн пункттӕ ӕхгӕд уыдзысты ӕртӕ боны дӕргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕртӕ бонмӕ сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн паламентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ хъахъхъӕндзӕн ӕвзарӕн фадгуытӕ ӕмӕ не 'руадздзӕн фӕткхӕлдтӕ

Уагдоны банысан кодтой, Гуырдзыстонимӕ арӕны уадзӕн пункттӕ кӕй сӕхгӕндзысты 8 июны 06.00 сахатыл. Уыдон скусдзысты хуымӕтӕг режимы 11 июны райсомӕй.

Хуссар Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны. Хъӕлӕскӕныны бон ӕдӕппӕт бакӕндзысты 77 ӕвзарӕн фадыджы 17 ӕвзарӕн зылдыл.