Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

Дыууæ бæстæйы делегацитæ æрдзырдтой фарстытыл, кæцытæ хауынц дыууæ паддзахады ʻхсæн базарадон-экономикон æмæ культурон æмархайдмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ир æмæ Сирийы столицæты дипломатон минæварадтæ бакæныны фарстыл æрдзырдтой дыууæ бæстæйы делегацитæ Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты, хъусын кæны Уæрæсейы Хуссар Иры минæварады пресс-службæ.

"Форумы куысты рæстæджы Хуссар Ир æмæ Сирийы делегацитæн ацыд фембæлд, кæцыйы фæлгæтты куыстой консулон хайæдтæ, науæд та дипломатон минæвæрадтæ бакæныныл Цхинвал æмæ Дамаскы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ир ӕмӕ Сири аразынц ӕхсӕнхицауадон къамис

Уымæй дарддæр ма делегацитæ æрдзыдтой дыууæ бæстæйы ʻхсæн базарадон-экономикон æмæ культурон æмархайды фарстытыл. Се ʻхсæн уыд экспоцентрты фæзынд хуссарирыстйнаг æмæ сириаг продукци равæрынæн.

Сирийы экономикæ æмæ базарады министр Мухаммед Самир Халиль фæхуыдта Хуссар Иры президент Бибылты Анатолийы равдыстмæ, кæцы ацæудзæн 28 августы Дамаскы.

Сири 2018 азы 29 майы фехъусын кодта Абхаз æмæ Хуссар Иры банымады тыххæй.