ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зӕрӕггӕнӕг Харебаты Марта рамбылдта Рæсугъддзинад, модæ æмæ курдиаты фестиваль "BEAUTY RUSSIA 2019"-йы Гран-при "Уæрæсейы хуыздæр курдиат". Бæрзонд æмвæзады хорзæхæй дарддæр æвзонг чызг базонгæ ис кинематограф æмæ модæйы дунейы зындгонд адæм – Софи Лорен, Вячеслав Зайцев, Кэри-Хироюки Тагава, Еркен Ялгашевимæ æмæ æндæр зындгонд гоймæгтимæ.
Чызг ралæууыд дыууæ зарæгимæ мадзалы – уый сæххæст кодта композицитæ англисаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
"Ӕнкъарæнты бын фæдæн æмæ æрмæстдæр еныр мысын фестивалы лыстæгдзинæдтæ. Гран-при "Уæрæсейы хуыздæр курдиат"-æй мæ схорзæхджын кодта жюрийы сæрдар, зындгон кутюрье Вячеслав Зайцев иумæйаг бавдисгæ фæлгонцы тыххæй", - радзырдта Sputnik Харебаты Марта.
Зарæггæнæг ма радзырдта йе ʻнкъарæнтæ мадзалы рæстæджы аивады дунейæ цы зындгонд гоймæгтыл фембæлд, уый тыххæй.
"Фестиваль уыд тынг цымыдисон, уымæн æмæ дзы архайдтой аивады бирæ здæхæнты адæм. Райстон рекомендацитæ мæ сценæйон фæлгонцы фæдыл стилисттæй, архайдтон дефилейы мастер-классты. Амондджын æнкъарын мæхи кæй базонгæ дæн Софи Лоренимæ. Уымæй дарддæр жюрийы сконды уыдысты голливудаг стъалы Кэри-Хироюки Тагава, кинорежиссер Еркен Ялгашев æмæ модæйы эксперт Беатрис Малахова", бафтыдта чызг.
Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта оперон зарæггæнæг Амага Готтийæн, кæцы бацыд чызджы фарс балæууынмæ фестивальмæ, стæй ма культурæйы министр Зассеты Жаннæйæн æмæ парти "Иугонд Ирыстон"-æн та финансон æххуысы фæдыл.