Уыдзæн дзы сквер: Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай

Æмрæстæджы ма фидæны скверæн сыгъдæг цæуы раздæры универмаджы бæстыхайы бынат дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы фæзындзæн ноджы иу ног сквер. Улæфæн зона арæзт цæуы горæты раздæры туристон базæйы хæрæндæтты бæстыхайы бынаты, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады хистæр Лалыты Сослан.

Æмрæстæджы ма фидæны скверæн сыгъдæг цæуы раздæры универмаджы бæстыхайы бынат дæр.

"Туристон базæйы хæрæндæтты бæстыхай уыд кæлæддзаг 90-æм æзтæй, уыд дзы зынгирвæзт æмæ нымад цыд аварион объектыл. Саразæн ын нал уыд æмæ тæсагдзинад æвзарын кодта цæрджытæн. Бæстыхай ныппырх кодтам, йæ бынат та раст цæуы", - загъта Лалыты Сослан.

Уый ма радзырдта, сыгъдæгкæнæн куыстыты фæстæ та бавналдзысты хæрзарæстадмæ.

Уыдзæн дзы сквер: Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай

"Улæфæн зонæйы æвæрд æрцæудзæн бандæттæ, нысадздзыстæм дзы бæлæстæ æмæ къутæртæ, цæмæй дзы сыгъдæг æфснайд бынаты сæ рæстæг æрвитой сабитæ æмæ хистæр кары адæм", - бафтыдта уый.