Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы

25 майы тыхдымгæйы фæстиуæгæн бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст систа дымгæ, уæд горæты разамынад ныфс бавæрдта агъуыст раивынæй, фæлæ хъуыддаг ныффæстиат ис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар цыппæрæмы æхсæвы тæрккъæвдайы фæстиуæгæн фæцис донласт.

Хуссар Иры тæрккъæвда фæласта фæндæгтæ æртæ хъæумæ

Бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст систа дымгæ 25 майы тыхдымгæйы фæстиуæгæн, уæд горæты разамынад ныфс бавæрдта агъуыст раивынæй, фæлæ хъуыддаг ныффæстиат ис.

Социалон хизæджы апарахат сты донласт фатерты къамтæ, видеотæ æмæ мæсты ныхæстæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хæдзары дон æрхъардта фыццаг уæладзыджы онг.

Горæты администрацийы пресс-службæйы ацы уавæры фæдыл Sputnik комментаритæ нæ радтой.

Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы